Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацыд ахуырадон программæ «Траектория роста». Расидтысты йæ амалхъомадæн æххуысы республикон фонды. Архайынц дзы социалон куыст чи кæнын, стæй 25 азы онг кæуыл цæуы, ахæм æрыгон амалхъомтæ.
Æртæ боны дæргъы зонгæ кæндзысты амалхъомады сусæгдзинæдтимæ. Æркæсдзысты, бизнесæн цы нымæцон гæнæнтæ ис, уыдонмæ. Уыдзæн дзы практикон æмæ хъазты хуызы архайд дæр. Тренер æмæ эксперт у Денис Богатов – Уæрæсейы хицауады цур бизнесы æппæтадæмон скъолайы социалон амалхъомады райрæзты центры разамонæг.
Лæвар программæйы хатдзæгтæм гæсгæ, йæ архайджытæ равдисдзысты сæ бизнес-проекттæ. Уый фæстæ та райсдзысты 500 мин сомы онг гранттæ.
















