Республикæйы ковидæй рынчынты нымæц, ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, фæфылдæр 82,4%. Сывæллæты ‘хсæн та бæрæггæнæн фæкъаддæр 51,7%-мæ. Фæкъаддæр ис, грипп æмæ æхснырсæг кæмæ рабæрæг, уыдоны нымæц дæр. Уый тыххæй оперативон штабы æмбырды фехъусын кодта Фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Тыбылты Алан.
Ковидæй рынчынтæм арæхдæр рабæрæг вæййы штамм «омикрон». Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ республикæйы ковид стационарты 840 бынатæй уæгъд сты 152. Уавæр нырма зæрдæхсаинаг кæй у, уымæ гæсгæ ахуыры процесс скъолаты, профессионалон æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты дистанцион хуызы дарддæр æххæст кæнынц. Рæвдауæндæтты та фæкарздæр кæндзысты санитарон-эпидемиолгон уавæртæ æххæст кæнынмæ цæстдард.
















