Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой бынæттон хиуынаффæйады бон. Горæты администрацийы дзырдтой ивгъуыд азы хатдзæгтыл æмæ фидæнмæ пълæнттыл. Æмбырд амыдта Сергей Меняйло. Хуыздæр кусджыты схорзæх кодтой кады нысæнттæй.
Хицауады уæнгты минæвæрттæн кæддæриддæр ахсджиаг чи сты, ахæм сæрмагонд хæслæвæрдтæ. Ныхас цæуы цæрджыты социалон уавæрыл, сæ æфтиæгты бæрц фæфылдæр кæнын æмæ, куыд фæстæдæр, афтæ сæ царды уавæртæ. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстатæ райхалынæн ахджиаг у, цæмæй алы бæрнон адæймаг дæр йæ хæстæ æххæст кæна куыд æмбæлы, афтæ. Регионы разамонæг куыд бафтыдта, афтæмæй фарон, федералон центримæ иумæйагæй республикон хицауад снысан кодтой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты сæрмагонд программæты фылдæр хай. Йæ фæлгæты фæфылдæр уыдзысты куысты бынæттæ, уыимæ сæ мызд. Фидæнмæ мадзæлттæ сты нысангонд. Хъуамæ æххæстгонд æрцæуой фæткмæ гæсгæ, хицауады æппæт æмвæзадтыл дæр.
Муниципалон скондты советмæ фæсидтис премьер Дзанайты Барис. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы разамонæг цы ахсджиаг къабæзтæ фæнысан кодта, уыдон хъуамæ æххæстгонд æрцæуой афойнадыл. Царды ауадзынæн ахсджиаг у пайда кæнын æппæт фæрæзтæй.
Æмбырды скодтой ивгъуыд азæн хатдзæгтæ, фæнысан кодтой нысæнттæ фидæнмæ дæр. Уæлдай æргом аздæхтой бынæттон администрацийы кусджыты ахуырадмæ.
Уæлдай кад скодтой районты администрациты хуыздæр кусджытæн. Республикæйы разамонæг æмæ премьемы къухтæй райстой паддзахадон лæвæрттæ æмæ кады гæххæттытæ. Сергей Меняйло фæнысан кодта, разæй егъау куыст кæй ис. Сæйрагдæр у хицауады уæнгты æнтыстджын æмгуыстад.
















