Хынцӕгты Альберт йӕ спортивон фӕндаг райдыдта гауызыл. 15 азӕй фылдӕр снывонд кодта ацы спорты хуызæн. Уый фӕстӕ, нӕлгоймаг ӕнӕнхъӕлӕджы бахауд рог атлетикӕйӕ тренировкӕмӕ ӕмӕ йын балæвар кодта 9 азы. Кӕд йæ æнæниздзинад хъыгдард у æмæ йæ иу къух хорз нæ кусы, уӕддӕр сси дунейы ӕмӕ Европӕйы чемпион паралимпаг рог атлетикӕйӕ. 2020-æм азы Дунеон ерысты та сӕвӕрдта рекорд æфсæйнаг къори æппарынæй.
Æрӕджы Уӕрӕсейы чемпионаты рог атлетикӕйӕ хъыгдард æнæниздзинадимæ адæймæгты ‘хсæн ногӕй фӕуӕлахиз æфсæйнаг къори æппарынæй. Альберт ма иу хатт равдыста йӕ бӕрзонд ӕмвӕзад.
Хорз хатдзæгтæ æвдисы Гӕззаты Аслан дӕр. Лæппу ацы спорты ис ӕрмӕст фондз азы, фӕлӕ бирæ уӕлахизтимæ. Уӕрӕсейы дыууӕ хатты уæлахиздзау сӕвӕрдта дунеон рекорд. Уый сси Уӕрӕсейы чемпионаты сӕйраг цау рог атлетикӕйӕ, ерыстæ ацыдысты Челябинскы. Спортсмен къори æппарынæй басаста Европӕйы рекорд, райста дунейы тыхджындӕр спортсментӕй иуы статус.
Уӕрӕсейы чемпионат рог атлетикӕйӕ хъыгдард æнæниздзинадимæ адæймæгты ‘хсæн ӕрӕмбырд кодта 400 спортсмены онг бӕстӕйы 55 регионӕй, ирон богӕлттӕ дзы рамбылдтой 18 майданы: 7 сыгъзӕрин, 4 ӕвзист ӕмӕ 7 бронзӕйы.
Ерысты фæлгæты æххæстгонд æрцыд паддзахадон программӕ “Уӕрӕсейы Спорт”. Уый у спорты парахаты æмæ йæм фылдæр адæмы æргом раздахыны фæрæз. Ирон лæппутæн та сӕ дарддæры старт уыдзӕн Белоруссийы рог атлетикӕйӕ чемпионаты, ацӕудзӕн 12-æй 17-æм июльмӕ Минскы.
















