Йе 80 азы юбилейыл æмбæлы адæмон поэт, нæ республикæйы дзырддзæугæдæр хистæртæй иу Ходы Камал. Ныфсджынæй зæгъæн ис, æмæ немæ Парнасы цъуппæй чи дзуры, Камал дæр уыдоны æмрæнхъ кæй ис.
Зындгонд поэтæй уæлдай ма Ходы-фырт у тæлмацгæнæг, публицист, драматург, литературон критик, журналист, Цæгат Ирыстоны гимны автор, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. Фæлæ ахæм курдиатджын адæймаг уæддæр поэзи нымайы йæ зæдæмæ æввахсдæр фæзындыл.
Нæ иннæ номдзыд хистæр Хъодзаты Æхсар афтæ загъта: «Адæмæн аргъгæнгæ у сæ поэтмæ гæсгæ». Æмæ уый кæд афтæ у, уæд нæ адæмæн зын уыдзæн аккаг аргъ скæнын Ходы Камалы ном зæрдыл даргæйæ.
Æрыгон поэт Ходы Камалы фыццаг æмдзæвгæтæ куы рацыдысты, уæдæй рацыд æнусы `рдæгæй фылдæр. Ныртæккæ йæ ном бæрæг дары ирон адæмы поэзийы классикты æмрæнхъ.
Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ йæ юбилейы фæдыл Ходы Камалæн абон арфæтæ кæнынц Хуссар Ирæй Цæгатмæ. Мах дæр, национ телекомпанийы кусджытæ, тынг æхсызгонæй бабæрæг кодтам юбиляры. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ фæрнджын гуырæнбонтæ.
















