Ногиры кæрон цы канализацион коллектор ис, уымæн йæ хæтæлты быцæутæн дæттæй бахæрынæй тæссаг нал у. Уавæр иуварсгонд кæй æрцыд, уый тыххæй вице-премьер Томайты Ирбег фехъусын кодта Аппаратон æмбырды. Амыдта йæ регионы разамонæг Сергей Меняйло.
Терчы æмвæзад къæвдайы аххосæй схызт 2-æм июны. Хæстæгдӕр рæстæг хъæуы цур ацæудзысты былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ дæр. Республикæйы Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ныртæккæ цæугæдæтты донвæдтæ сыгъдæг кæнынц Дыгуры, Алагиры æмæ Горæтгæрон районты. Дорддæр та ахæм куыстытæ ацæудзысты поселок Южныйы.
Ныхас цыд Дзæуджыхъæуы къæвдайы дæттæ æмбырдгæнæн хæтæлты уавæрыл дæр. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй фарстайыл бакусын хъæуы къæпхæнгай. Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, уый тыххæй горæты æппæт уынгтæ къахын æнæмæнг хъуыддаг нæу. Хицауады уæнгæ æрдзырдтой 2003-æмæй 2007-æм азы онг Цæгат Ирыстоны æрыгон бинонтæн æххуысы тыххæй цы паддзахадон программæ æххæст кодтой, ууыл дæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ архайджытæй 62 фатертæ нæ райстой. Сергей Меняйло Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадæн бабар кодта программæ сног кæныныл бакусын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæрджытæ цы æхцатæ бахардз кодтой, уыдон хъуамæ дзæгъæлы ма фæуой.
Аппаратон æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ныртæккæ Транскам æмæ Арвыкомы фæндаг сты гом. Арæны сæрты ахизынмæ æнхъæлмæ кæсынц 710 уæзласæн хæдтулгæйы. Горæты иувæрсты фæндаг цалынмæ кæронмæ арæзт фæуа, уæдмæ уæзласæн хæдтулгæтæн контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-мæ хæстæг хъæуы снысан кæнын лæвр æрлæууæн бынæттæ, – бабар кодта республикæйы сæргълæууæг.
















