Алагиры районы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæгæй нысангонд æрцыд Доййаты Ибрагим. Уый тыххæй фехъусын кодтой Сергей Меняйлойы районы цæрджытимæ фембæлды рæстæг. Регионы сæргълæууæг фæнысан кодта ног разамынды сæйраг хæстæ: социалон-экономикон райрæзт, инфраструктурон проектты æххæсткæнынад æмæ цæрджыты фарстатæ иуварс кæнын. Сергей Меняйло бахæс кодта уæлдай æргом аздахын зæххы хæйттимæ баст фарстатæм, уый фæдыл æнгом æмархайд кæнын барадхъахъхъæнæн оргæнтимæ. Уымæй уæлдай ма хицæнæй цæст дарын Фыййагдоны пульмонологон центры арæзтадмæ. Уый фæзындзæн Уæрæсейы Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ. Уыимæ районы разамынд хъуамæ æвæстиатæй æргом здаха цæрджыты курдиæттæм. Фембæлды рæстæг ма æрдзырдтой цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, социалон къабазы, фæндаггон инфраструктурæйы уавæрыл æмæ цæрджытæн куысты бынæттæ ссарыныл. Республикæйы сæргълæууæг ныфс бавæрдта æппæт хæстæ сæххæст кæныны фæдыл æххуысæй.
















