Нæ республикæйы журналисттæ радон хатт æрбамбырд сты экологон акцийы фæлгæты. Сæ сæйраг хæс у Цæгат Ирыстоны цæрджытæ æмæ туристты уарзондæр бынæттæ ссыгъдæг кæнын. Иу мæйы размæ сыгъдæг кодтой Мидæгрæбыны æхсæрдзæнты цур æмæ сæ алфабмлæйттæ. Ацы хатт та абалц кодтой Хилакмæ. Куыд ацыд сыгъдæгдзинады зиу, уый федта не сфæлдыстадон къорд.
Ацы хатт журналисттæ сæ фæндаг акодтой Хилакмæ – нæ республикæйы рæсугъддæр бынæттæй иумæ. Кæддæриддæр дзы вæййы бирæ адæм. Минералон дон æрæмбырд кæнын кæй фæфæнды, ахæмтæ. Фæлæ, хъыгагæн, сæ фæстæ арæх бырæттæ ныууадзынц. Уымæ гæсгæ бынат сыгъдæггæнинаг сси. Кæд доны алыварс æнцон сыгъдæг кæнæн нæ уыд, уæддæр журналисттæ резинæ цырыхъхъыты ацыдысты сæ бырæтты дзæкъултимæ. Бирæтæ дзы акцийы фыццаг хатт нæ архайынц.
Акцийы архайджыты нымæц фыццаг хаттимæ абаргæйæ зынгæ фæфылдæр. Æхсызгон уый у, æмæ нæ республикæйы æрдзы уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон бирæ кæй сты. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ дзы фыццаг хатт архайдтой. Куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзæлттæ тынг ахсджиаг æмæ хъæугæ сты.
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон æххæстгæнæн комитеты разамонæг Едзойты Марат: «Акцийы тыххæй нын фехъусын кодтой журналисттæ. Кæй дзы бацархайдзыстæм, ууыл иу уысм дæр нæ дызæрдыг кодтам. Фæлæ, бынат цы уавæры æрбаййæфтам, уый мæ дисы бафтыдта. Бутылкæтæ дзы афтæ бирæ уыд æмæ сæ доны бынæй æмбырд кæнын бахъуыд. Алчидæр йæ фæстæ йæ бырон куы сæмбырд кодтаид, уæд ахæм уавæры дæр нæ уыдаид ацы рæсугъд бынат. Мæнмæ гæсгæ, ардæм ма иу хатт æрбацæудзыстæм. Цæмæй ма ноджы бæстондæрæй нæ цæст фæдарæм бынаты сыгъдæгдзинадмæ».
Ам дæр та журналисттæ сфидар кодтой сæрмагонд къæйтæ. Ныффыстой дзы сæ курдиат, цæмæй йæ фæстæ бырæттæ мачи уадза. Акци саразыны хъæппæрис разынд нæ республикæйы мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитет, информацион портал «15-æм Регион» æмæ къорд «Iron group»-мæ.
РЦИ-Аланийы мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæг Гæбæлаты Мæдинæ: «Абон сыгъдæгдзинады зиу сарæзтам дыккаг хатт нæ республикæйы цæрджыты æмæ туристты уарзондæр бынаты. Куыд раздæр, афтæ ныр дæр у рæсугъд фæлладуадзæн бынат. Уынæм æй, фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц нæ акцийы архайджытæ. Хъыгагæн, чи æрбацæуы ардæм, уыдон æй се `ппæт не мбарынц, сæ фæстæ цы ныууадзынц, уый ма æнусты дæргъы кæй æмбийдзæн. Фæнд кæнæм нæ акци дарддæр дæр аразын».
20 голлагæй фылдæр æрæмбырд кодтой журналисттæ. Сæ куыстæй баззадысты разыйæ. Алчидæр дзы фидарæй загъта, иннæ хатт дæр зæрдиагæй кæй бацархайдзысты акцийы, уый.
Хуасдзауты Алинæ
















