Бæтæхъойыхъæуы цы хъæууон-хæдзарадон куыстуат ис, уымæн бындур сæвæрдтой 2014-æм азы. Фос дарын та дзы райдыдтой фаронæй фæстæмæ. Уыцы рæстæг базыдтой хицауадон æххуыс дæр. Ахæм хъомыс сын сæ фадæттæ фæуæрæхдæр кодта. Ныр уæндондæрæй кæсынц сæ фидæнмæ. Кæд нырма сæ продукцийы бæрц, цас сæ фæнды уыйас нæма у, уæддæр æй хъуамæ рæхджы фæфылдæр кæной. Базарады тæрхæджытæм уæндон къахдзæф куы бакæной, уæд та сын ноджы фылдæр бантысдзæн.
Æрмæст æрвылбоны зын куыст дæтты царды хорзæхтæ. Ацы хæдзарадæн бындур чи сæвæрдта, уыдон уый хорз зонынц. Фарон рамбылдтой грант. Балхæдтой дзы 120 сæры. Дуцгæ кæй кæнынц, уыцы хъуццытæй уал æхсыр исынц фæйнæ 12 литры. Бæрнонæй кæнынц уыцы куыст. Алы хъугдуцæг дæр пайда кæны 4 дуцæн аппаратæй. Фермæйы куыд зæгъынц, афтæмæй æхсыры хæрзхъæддзинад комкоммæ аразгæ у холладжы миниуджытæй.
Хæдзарады зоотехник Уалыты Элинæ: «Иу дуцгæ хъуг бæрцæй хъуамæ хæра 18-20 килограммы холлаг. Дæттæм сын цъæх силос, афтауæм ма йæм 6 килограммы комбикорм дæр».
Мæнæ ацы бæрцуат нырма нæ кусы. Цæмæй дзы пайда кæной, уый тыххæй хъуамæ хæдзарады бонмæ 5 тоннæйы дуцой æхсыр. Нырма уал 600 литры йеддæмæ сæ къухы не `фты. Сæрмагонд хæтæлтыл æй ауадзынц сæрмагонд кусæнгарзмæ. Мæнæ ардæм. Уым æй автоматикон æгъдауæй ссыгъдæг кæнынц æртæ фæрсудзæны руаджы.
Уалыты Элинæ: «Мæнæ нын ай æхсыры лини у. Кæй æрдуцæм, уый ацы хæтæлтыл фæцæуы. Бакусæм, цæмæй дзы мацы микробтæ уа, ууыл. Уыйфæстæ ногдыгъд æхсыр арвитæм цыхтахсæнмæ».
Цыхтахсæны æхсыр ногæй схъарм кæнынц 37 градусмæ. Бацахсынц æй, ирон адæм куыд кодтой, раст афтæ. 30 минутмæ æхсыры урсаг йæхиуыл фæхæцы.
Уалыты Элинæ: «Уый фæстæ – дæ арæхстдзинад æмæ дæхæдæг. Сахаты `рдæгмæ йæ бацахсæм æмæ йæ нæ кусджытæ къухæй æмбырд кæнын райдайынц».
Сæрæн февнæлды фæрцы ирон цыхт уайтагъд схауы. Цы `хсыр æрдуцынц, уымæн ыл бахардз вæййы йæ 90 проценты. Цыхтæй та дзы рацæуы 120-130 килограммы. Æнцон куыст макæмæ фæкæсæд. Йæ бацахсын иу хъуыддаг у. Фæлæ цæмæй йæ хæрзхъæддзинад æмбæлгæ уа, ууыл дæр акусын хъæуы. Фæлæ ам сæ хæстæ хорз зонынц.
Уалыты Элинæ: «Цыхтмæ дæр зилын хъæуы. Куы йæ фæцæхджын кæнай, уæд дзы хорзæй ницы смæрздзынæ. Сæрдыгон ма хæндыг дæр сæвæрæм. Æфсинтæй мæ чи хъусы, уый мæ бамбардзæн. Иу хатт ма йæ зæгъын, цæххимæ арæхстджынæй кусын хъæуы. Раст дзы куы нæ спайда кæнай, уæд дæ цыхт фесафдзынæ. Фæтуаг уыдзæн, æмæ ма йæ уæд куыд ауæй кæндзынæ…»
Сæ продукцийы хæрзхъæддзинадмæ бæрнонæй кæй кæсынц, уый руаджы йæ фæнд кæнынц æндæр рæттæ дæр ласын. Нырма сын уымæн æххæст фадæттæ нæма ис. Фæлæ сæ уырны, бирæ рæстæг кæй нал баззад уымæ дæр, уый. Æрмæст уал сæ хъæуы сæ продукцийы хуызтæ фæфылдæр кæнын. Ныридæгæн ууыл кусынц.
















