Абон нæ бæстæйы бæрæг кæнынц Уæрæсейы национ гвардийы равзæрды бон. Сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл æфсæддонтæн æмæ управленийы ветерантæн арфæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Регионы разамонæг куыд загъта, афтæмæй национ гвардийы службæгæнджытæн сæ сæйраг хæс у паддзахад, æхсæнады æдасдзинад хъахъхъæнын, тох кæнын терроризмы, фыдгæнджыты ныхмæ. Ацы хæстæ æнтыстджынæй æххæст кæнынц. Сергей Меняйло ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы национ гвардийы службæгæнджытыл зын, фæлæ ахсджиаг уаргъ æвæрд кæй ис, уый. Сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ хъахъхъæнынц республикæйы цæрджыты æдасдзинад. Уымæ гæсгæ ам рад хæсссынц æрмæст лæгдзинад кæмæ ис æмæ йæ Фыдыбæстæйæн аргъ чи кæны, ахæм адæм. Хæлæрттæ, арфæ уын кæнын. Уæ бинонтæ æмæ хиуæттимæ æнæнизæй, амонджынæй цæрут! Уæ зын куысты æнтыстджын ут-, загъта Сергей Меняйло.
«Зынаргъ, хæлæрттæ! Æфсæддонтæн æмæ управленийы ветерантæн арфæ кæнын сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл. Уæрæсейы национ гвардийы равзæрды боны фæдыл! Национ гвардийы службæгæнджытæн сæ сæйраг хæс у паддзахад, æхсæнады æдасдзинад хъахъхъæнын, тох кæнын терроризмы, фыдгæнджыты ныхмæ. Ацы хæстæ æнтыстджынæй æххæст кæнут. Уæрæсейы национ гвардийы службæгæнджытыл зын, фæлæ ахсджиаг уаргъ æвæрд ис. Уæхиуыл нæ ауæрдгæйæ хъахъхъæнут республикæйы цæрджыты æдасдзинад. Уымæ гæсгæ ам рад хæсссынц æрмæст лæгдзинад кæмæ ис æмæ йæ Фыдыбæстæйæн аргъ чи кæны, ахæм адæм. Хæлæрттæ, арфæ уын кæнын. Уæ бинонтæ æмæ хиуæттимæ æнæнизæй амонджынæй цæрут. Уæ зын куысты æнтыстджын ут!»
















