Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом сты, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, сывæллæтты ахæм рæвдауæндæттæ. Сабитæн цы уавæртæ сарæзтой, уый фенынмæ æрбацыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Дыууæ ног бæстыхайы арæзт сты «Демографи» национ проектмæ гæсгæ. Сабитæ архайдзысты спортæй, музыкæйæ. Рæвдауæндæтты уавæртæ сарæзтой, се ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн дæр. Ме ‘мкусджытæ бæлвырддæр радзурдзысты.
Сабитæ цымыдисæй кæсынц сæ ног хъазæнтæм. Сты цалдæр хуызы, фæлæ зонды рæзтыл иууылдæр ахадынц. Æххуыс сты, зæгъæм, лæмбынæг уæвын. Сывæллæтты рæвдауæндоны уыдзæн 16 къорды: иуы, æппын фылдæр, 15 сабийы. Семæ дыууæ хъомылгæнæджы æмæ ма уыдонæн æххуысæн иу адæймаг. Скъолайы агъоммæ уагдоны æдæппæтæй ис 280 бынаты. Йæ байгоммæ йын ныййарджытæ тынг æнхъæлмæ кастысты.
Сабитæн цы уавæртæ скодтой, уый федта республикæйы сæргълæуууæг Сергей Меняйло. Бабæрæг кодта цалдæр къорды агъуыстытæ, спортивон æмæ музыкалон залтæ, медицинон кабинет æмæ хæрæндон. Сабитæ хæрзад æмæ пайдайаг хæринæгтæ кæнынмæ дзы æппæт мигæнæнтæ дæр ис. Уæдæ се ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæ дæр ам ницæмæй батыхсдзысты. Сарæзтой сын лифтытæ, пандустæ, асинты иу фарс ныффидар кодтой уæлæмæ исæн ифтонггæрзтæ.
Уавæртæй сæргълæууæг разыйæ баззад. Зæрдыл æрлæууын кодта бæстæйы Президенты бардзырд – рæвдауæндæттæм рады лæууыны фарста аиуварс кæнын. Уый тыххæй сæ хъæуы бындуронæй цалцæг кæнын æмæ ногтæ аразын.
Сывæллæтты рæвдауæндоны æппæт кусджытæ дæр фаг кæны. Æнхъæлмæ кæсынц æрмæст сабитæм.