Литературæ æмæ аивады сгухтдзинæдты тыххæй Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы аккаджы кæй æхсæн æвзардзысты, уыдон сбæрæг сты. Æдæппæтæй уыдысты 11 кандидаты.
Се ‘хсæн поэттæ, фысджытæ, нывгæнджытæ. Иу дзырдæй, се сфæлдыстадæй ирон культурæйы рæзтмæ зынгæ æвæрæн чи бахаста, уыдон. Æркасты фæстæ ацыд сусæг хъæлæслæвæрд. Литературæйы къабазы хуыздæрыл банымадтой Касаты Батразы, аивады та рамбылдта бæхты театр «Нарты»-йы сфæлдыстадон къорд.
Кандидатурæимæ хъуамæ сразы уа республикæйы сæргълæууæг. Лауреатты кадджын уавæры схорзæх кæндзысты Хетæгкаты Къостайы гуырæн бонмæ хæстæгдæр.
















