21 афтекон пункты байгом кæндзысты майы республикæйы хъæуты. Уый тыххæй фехъусын кодтой æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Ныхас ма цыд ныййарджыты мысæн бонмæ уæлмæрдтæ снывыл кæныныл. Сергей Меняйло бабар кодта, цæмæй сæ быронæй ссыгъдæг кæной æмæ, кæм хъæуы, уым контейнертæ сæвæрой.
Æмбырды дзырдтой Цæгат Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы паддзахадон фонды филиал байгом кæныныл дæр. Ныридæгæн ын бæстыхай равзæрстой. Йæ бындурон цалцæгæн хъæугæ мадзæлттæ цæттæ кæнынц дзуапдæттæг ведомствотæ. Цæуы координатортæ равзарыныл куыст. Уыдон ахуыртæ ацæудзысты Пятигорскы. Курстæ сараздзысты фонды психологтæ æмæ психотерапевттæн дæр.
















