Æвзæр боныхъæды фæстиуджытыл ныхас цыд аппаратон æмбырды дæр. Æрдзон фыдбылызы аххосæй хъыгдæрд баййæфтой хуымгæндты 4 мин гектары. Æмбырд амыдта йæ Сергей Меняйло. Дыгуры районы ногæй байтауын хъæуы 1000 гектары. Æрæфы районы та – 50. Афтæмæй хъæууон-хæдзарадон куыстуæттæн паддзахадæн йæ бон баххуыс кæнын нæу, уымæн æмæ фæзуæттæ фæдзæхст нæ уыдысты. Æмбырды ма ныхас кодтой хойраджы армукъаты арæзтадыл. Скæнынц сæ республикæйы районты фæлладуадзæн бонты.
Ныхас ма цыд ахуырады фарстатыл дæр. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны бюджетон бынæттæм балæвæрдтой 1171 курдиаты. Сты алы къабæзты хъæугæ специалисттæ. 523 бынаты сты Ахуырад æмæ наукæйы министрады, 617 – æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ 31 – культурæйы къабæзты. Ацы къуыри йæ куыст райдадзæн сæрмагонд къамис.
















