Сæйраг парчы сывæллæтты цад ногæй рацараздзысты. Æрвылкъуырион аппаратон æмбырды Сергей Меняйло горæты администрацийæн бабар кодта, цæмæй объект Дзæуджыхъæуы райрæзты пъланмæ бахæссой. Уымæй уæлдай, майы райдианмæ респуликæмæ æрбацæуæнтæ иууылдæр саив кæндзысты. Фондзæй дыууæйы куыстытæ фесты. Дзырдтой маршрут «Дзæуджыхъæу-Беслæн»-ыл дæр. Хъуамæ йæм рацæуой ног автобустæ. Регионы разамонæгæн куыд фехъусын кодтой, афтæмæй машрутыл ныртæккæ цы бæлццæттæласæг кусы, уымæн йæ бадзырды æмгъуыд у 2025-æм азы онг.
Сæргълæууæг бабар кодта, цæмæй уыцы иу рæстæг ног автобустæ дæр, æмæ ныртæккæ чи цæуы, уыдон дæр кусой. Ныхас ма цыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны бинонтæн æххуысыл. Алкæмæндæр сæ нысангонд æрцæудзæн хицæн социалон кусæг. Уый къуыри иу хатт, бинонтæ цух цæмæй ‘ййафынц, уый бæрæг кæндзæн. Æмбырды дзырдтой, рагагъоммæ æхцаввонгады руаджы цы объекттæ араздзысты, уыдоныл дæр.
















