Сывæллæтты хæрзхъæд ахуырадæн цы уавæртæ арæзт цæуы, уымæ бæстон цæстдард ис. Хицауады уæнгтæ æппынæдзух бæрæг кæнынц скъолаты цалцæггæнæн кустыты цыд. Абон дæр премьер Дзанайты Барис æмæ Архитектурæ æмæ арæзтады министр Моргуаты Константин бабæрæг кодтой дыууæ скъолайы.
Дзæуджыхъæуы 15-æм скъолайы ахуыр кæны 800 сывæллонмæ ввахс. Бæстыхайыл цæуы 60 азæй фылдæр. Фарон майы, «Ахуырады райрæзты» федералон программæмæ гæсгæ, ам райдыдта бындурон цалцæг. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Могруаты Константинимæ сбæрæг кодтой рацарæзты цыд æмæ аныхас кодтой куыстытæ æххæстгæнджытимæ.
Заводы посёлочы 34-æм скъолайы цалцæг та райдыдтой цалдæр боны размæ. Ныртæккæ ам фæллой кæны 40-мæ ввахс адæймаджы. Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахуырадон уагдон фыццæгæм сентябры онг хъуамæ сцæттæ уа. Куыстытæ æххæстгæнджытæ сæ архайдæн пълан скодтой. Бацархайдзысты, цæмæй сæ нысангонд æмгъуыдмæ фæуой.
«Скъолаты ахуырады системæ сног кæныны» программæмæ гæсгæ фарон райдыдта 44 скъолайы цалцæг, уыдонæй 34-ы куыстытæ кæронмæ æрхæццæ сты. Хæстæгдæр дыууæ азы республикæйы фæнд кæнынц бындуронæй сног кæнын ноджыдæр 70 ахуырадон уагдоны.
















