Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уыд доцент Айдарты Хъазыбеджы номарӕн кубок. Ацы аз сылгоймӕгты традицион ерыстӕ волейболӕй ацыдысты уӕлдай егъаудӕрæй. Дзӕуджыхъӕуы администраци ӕмӕ паддзахадон университет фыццаг хатт баиу кодтой сӕ тыхтӕ. Бацӕттӕ кодтой спортивон бӕрӕгбон. Сӕйраг трофейыл тох кодтой 5 командӕйы. Паркетмӕ рацыдысты фӕзы хицæуттæ “ЦИПУ” æмæ “Ирыстон”. Сӕ ныхмӕ лӕууыдысты Стъараполы крайӕ 3 тыхджын къорды. Призертӕн радтой кубоктӕ, майдантӕ, ӕхцайы премитæ ӕмӕ спонсортӕй лӕвӕрттӕ.
Бронзӕ рамбылдта Стъараполы “Факел”. Ӕвзист райста “Арус Кавказ” Пятигорскӕй. Ерысты сӕйраг трофей та рамбылдта ЦИПУ-йы иугонд командӕ. Дарддæр фæнд кæнынц ерысты географи фӕуӕрӕхдӕр кӕнын ӕмӕ ӕхцайы фӕрӕзтæм бафтауын. Матчты райдайӕн арӕзт ӕрцыд Уӕрӕсейы бонмӕ. Чызджытӕ удуӕлдайӕ хъазыдысты, фӕлӕ фӕзуаты ӕдде — æрмæст хæлардзинад. Университеты ректор Огъуаты Алан сӕрмагондӕй раарфӕ кодта, бӕстӕйы фидӕн кӕй къухы ис, уыцы зондамонджытӕн.
















