27-æм мартъийы æхсæвы æбæрæг адæм балæбурдтой хæцæнгарзимæ пъæлицæйы постмæ. Фæцæф кодтой дыууæ пъæлицæйаджы, аластой сæ рынчындонмæ.
Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитет байгом кодта уголовон хъуыддаг Уæрæсейы уголовон кодексы 317-æм статьямæ гæсгæ. Ныхас дзы цæуы барадхъахъхъæнæн органты кусæджы цардмæ фæныхылды тыххæй. Уæрæсейы слестгæнæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкин бадомдта хъуыддаджы тыххæй сæрмагонд доклад.