Социалон хызæгты фæзынд хъусынгæнинаг, зæгъгæ, Уыналы хауæццæгтæ æмбырдгæнæны фæзынд арф зыхъхъыртæ. Уыдонæй, социалон хызæгты пайдагæнджыты ныхæстæм гæсгæ, маргхъæстæ буаргъдтæ хауынц Æрыдоны донмæ. Бынатмæ ацыдысты фæндаггон службæйы æмæ экологийы министрады эксперттæ.
Æрыдоны донмæ дон кæлы къанауы ууылты. Экологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй хæххон мæрæн ныр тас ницæмæй у, фæлæ фæстæдæр хъуыддаг куыд аивдзæн, уый бæрæг нæу. Уавæр раиртасынмæ бынатмæ сæмбæлдысты экологи æмæ техносферæйы æдасдзинады кафедрæйы разамонæг Æлборты Иван æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты доцент Сергей Евдокимов. Специалисттæ лæмбынæг æркасты фæстæ мæры уавæрмæ фиппайнæгтæ не рхастой. Фæлæ сæ хъуыдымæ гæсгæ, куыд фæстæдæр, афтæ гæнæн ис æмæ уарынтæ къуылымпыдзинæдтæ æрхæсдзысты.
Фæстæдæр Уналмæ ссыдысты фæндæгты управлени «Кавказы» специалисттæ, æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады минæвæрттæ, прокуратурæйы кусджытæ. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй траншея хауæццæгтæ æмбырдгæнæнæй цæуы 50 метры даррдæр. Къæвдатæй æрмæст фæндаг нæ хъахъхъæны, фæлæ ма рекультивацигонд объект дæр. Хиды бындурон цалцæджы размæ дон фæхстæй калд цадмæ. Фæнддагон кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй траншея арф æмæ фæтæн къахт барæй æрцыд. Уарынтæ йын йæ былтæ нæ бахæрдзысты.
Республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй траншея къахт æрцыд æнæ проектон бадзырдæй. Уыимæ ма ис хауæццæгтæ æмбырдгæнæны æдде. Ууыл дзурæг сты проектон документаци æмæ фæзуаты къамтæ.
Ведомствæты специалисттæ æрцыдысты иу хъуыдымæ — æрдзæн æмæ Æрыдоны донæн тас ницæмæй у. Къанау хъæуы банывыл кæнын. Фæлæ фарстайыл чи хъуамæ бакуса, уый нырма сбæрæг кæнын хъæуы.
















