Спорты галуан “Манеж”-ы ацыд, се ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæмы ‘хсæн спаратакиадæ “Дуне æнæ арæнтæй”, зæгъгæ. 200 адæймагæй фылдæр республикæйы алы районтæй сæ тыхтæ фæлвæрдтой 8 здæхтмæ гæсгæ. Се ‘хсæн — рог атлетикæ, пурти æхсын, бæндæн ивазын, шашкæтæ æмæ дартс. Ерысты архайджыты кармæ гæсгæ адих кодтой дыууæ къордыл: сты 14-æй 17 азы онг æмæ 18 азæй хистæртæ. Æдæппæтæй 33 командæйы. Спартакиадæ фыццаг хатт нæ расидтысты республикæйы.
Спартакиадæйы сæйраг нысан — иудзинад æмæ хæлардзинад равдисын, зындзинæдты сæрты хизгæйæ, адæм ног бæрзæндтæм куыд тырнынц, уый. Спорты бæрæгбоны архайджытæн раарфæ кодтой хицауады уæнгтæ дæр.
















