Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ сты республикæйы ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй 21 азы онг юниорты ‘хсæн. Архайдтой дзы 170 спортсмены 10 уæзы категорийы. Фæсивæд сты республикæйы алы районтæй. Ерыстæ арæзт æрцыдысты паддзахадон программæ “Уæрæсейы спорт”-ы фæлгæты. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзысты республикæйы иугонд командæйы уæнгтæ. Уыдон архайдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты Грознайы. 4-æм декабры та райдайдзæн регионалон турнир 16 азы онг цы фæсивæдыл цæуы, уыдоны ‘хсæн.
















