«Гран-При Будапешт»-ы ерысты дзюдойæ Хуыбецты Алан бацахста фыццаг бынат. Финалы фембæлд япойнаг спортсменимæ. Иннæ цæгат-ирыстойнаг спортсмен Мæргъиты Мераб та 3 фембæлды рамбылдта, иу хатт фæхæрд ис. Сæ тренер Беккуызарты Аличы ныхæстæм гæсгæ, турнир тынг зын уыдис. Архайдтой дзы алы бæстæты хуыздæр дзюдоисттæ. Фæлæ ацы ерысты йæхи æвзыгъддæр чи равдыста, уыдонæн уыдзæн Дунеон чемпионаты архайыны бар.
Турнир сараздзысты сентябры кæрон Бакуйы. Дунеон турнирæй уæлдай ма ацы аз уыдзæн рейтингты 3 хъазты. Уым дзюдоисттæ хъуамæ рамбулой фылдæр балтæ. Рейтинджы хатдзæгтæм гæсгæ, афæдзы кæрон сбæрæг кæндзысты хуыздæр спортсменты.
Беккуызарты Алик – РЦИ-Аланийы сæйраг тренер дзюдойæ: «Алан ацы аз хорз хæцы. Мæнæ фæстаг хæсты дæр, дыккаджы, æртыккаджы дæр. Будапешты егъау турнир рамбылдта. Финалы фæуæлахз япойнаг спортсменыл. Алы хатт нæ къухы нæ бафты япойнаг дзюдоисты рамбулын. Фæлæ ацы хатт Алан гыццыл фæрæвздæр ис, йæхи дзæбæх бацæттæ кодта æмæ финалы хуыздæр рахæцыдис».
















