Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны байгом автомобилон горæт. Ныр, сабитæ фæндаггон змæлды домæнтæ ахуыр кæндзысты хъазты хуызы. Фæндаджы сæрты раст куыд хизын хъæуы, уый тыххæй сабитæн радзырдтой паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Нацпроекты руаджы бантыст дыууæ автомобилон горæты самал кæнын. Сахар сабиты зæрдæмæ фæцыд æви нæ, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд.
Денис æй бæлвырдæй зоны фæндагыл хи дарын куыд хъæуы, уый. Алы бон дæр скъоламæ цæугæйæ лæппуйы бахъæуы фæндаджы сæрты ахизын. Уымæн та хъæуы къæрцхъус уӕвын æмæ фæндаггон змæлды фæтк зонын.
Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны – ахсджиаг хабар. Байгом автогородок. Сывæллæттæ сæхи бафæлвæрдтой фистæгцæуджытæй, стæй шофыртæй дæр. Уыимæ ма, сæ зонындзинæдтæ дæр фæфылдæр кодтой. Баххуыс сын кодтой ахуыргæнджытæ æмæ сæ ныййарджытæ.
Сывæллæттæн бацæттæ кодтой дыууæ практикон фæзуаты. Бæстыхайы æмæ уынджы. Нырыккон уавæрты сабитæн автогородоктæ сты хорз ахуырадон фæрæз. Семæ кусынц хъазты хуызы.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сабиты зæрдыл æрлæууын кодтой, фæндаджы сæрты куыд хизын хъæуы, хи фæндаггон фыдбылызæй куыд бахизой, уый. Уымæй уæлдай ма, сывæллæттимæ аныхас кодтой мобилон центр «Æдасдзинады лаборатори»-йы специалисттæ.
Автогородокты дыууæ хуызы самал кодтой нацпроект «Фæндаггон змæлды æдасдзинад»-ы руаджы. Иу дзы æрбынат кæндзæн сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны, дыккаг та- 5-æм профессионалон училищæйы.
Цæгат Ирыстоны ахæм автогородоктæ сты ногдзинад. Сæ руаджы сабитимæ фæндаггон бæллæхты нымæц фæкъаддæр уыдзæн.