Уæрæсейы федералон антимонополон службæ ныртæккæ кусы, арæзтадон æрмæг чи уадзы, уыцы егъау куыстуæтты реестр саразыныл.
Уый руаджы ведомствойæн бантысдзæн æргътæм цæст дарын, æмæ уавæрыл ахадын. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ афæдзы фыццаг 6 мæймæ арæзтадон æрмæджы аргъ фæфылдæр кæнынæн балæвæрдтой 600 курдиаты.
















