Сывæллæтты технопарк «Кванториум» -ы ахуырдзаутæ бахъахъхъæдтой сæ проекттæ. Ахуырдзаутæ равæрдтой куыд индивидуалон, афтæ къорды куыстытæ. Æдæппæтæй 150. Кванториумыл виртуалон экскурси, хъæзтытæ, роботтæ-ирвæзынгæнджытæ æмæ горæты историйы тыххæй сæрмагонд сайт.
Проекттæ хъахъхъæдтой дистанцион хуызы. Цæуы ма дзы ахуырадон, ирхæфсæн мадзæлттæ, квантумтæ æмæ къордтæн бæстыхæйттæ. 14 февралæй «Кванториум»-ы ацæудзæн ног ахуырадон модуль. Ахуырмæ хуынд цæуынц 5-æм къласæй 11-æм къласы онг скъоладзаутæ. Фæнысан кæндзыстæм, æппæт ахуыртæ дæр кæй сты лæвар.
















