preloader
сейчас в эфире
09:42
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
10:00
НОВОСТИ 12+
10:15
ХОД ИСТОРИИ 12+
11:10
ХОЧУ В АЛАНИЮ 12+
11:45
РАЗБОР ПОЛЕТОВ 12+
12:30
МУЗЫКÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис уыд кусæг балцы Æрыдоны районы

3.02.2022 19:38

Бабæрæг кодта, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты арæзтад.

Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн уыд кусæг балц Æрыдоны районмæ. Бабæрæг кодта, социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты арæзтад. Сæ иу — спортивон комплекс. Аразынц æй «Спорт – норма жизни», зæгъгæ, федералон проектмæ гæсгæ. Ам тренировкæтӕ кæнынæн уыдзæн æппæт хъæугæ уавæртæ.


Автомобилон фæндаг Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен аразын райдыдтой фарон июны. Ныридæгæн куыстыты фыццаг къæпхæн фæци, фæлæ дыккаг райдайыны фадат нæй. Æхцайы фæрæзтæ йын нæма рахай кодтой. Хъæугæ гæххæттытæ республикæйы хицауады бацæттæ кодтой, арвыстой сæ федералон центрмæ. Ног фæндаг уыдзæн Мичурины иувæрсты.

Дарддæр премьер бабæрæг кодта Кировыхъæуы скъола. Бæстыхайыл 50 азæй фылдæр цæуы. Бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Йæ рацарæзтæн федералон бюджетæй рахай кодтой 33 милуан сомы. Республикон бюджетæй та — 2 милуан æмæ æрдæджы бæрц. Куыстытæм бавналдзысты ацы аз майы.

Фæнд кæнынц ифтонггæрзтæ сног кæнын дæр. Скъолайы хæрæндон æмæ актон зал сты фæрсæй-фæрстæм. Ног проектмæ гæсгæ дæр афтæ уыдзысты.

Иннæ скъола — Æрыдоны. Цæуы йыл æнусы æмбисæй фылдæр. Ацы бæстыхаймæ дæр бындуронæй никуы базылдысты. Цалцæгæн федералон бюджетæй рахай кодтой 68 милуан сомы, 3 æмæ æрдæг милуан сомы та республикон бюджетæй. Куыстытæ майы райдайдзысты, фæуыдзысты иннæ аз августы.

Хицауады сæрдар ма бабæрæг кодта Æрыдоны бирæвæрсыг спортивон комплекс. Йæ арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны. Проектмæ бирæ куыстытæ хаст не ‘рцыдысты. Уый тыххæй къуылымпыдзинæдтæ ‘ййафынц.

Дарддæр Дзанайты Барис æркаст Тæргайдоны былгæроны уавæрмæ. Ам программæ «Малые города России»-йы фæлгæты саив кæндзысты зæххыты 6 гектары. Уыдзæн дзы фæлладуадзæн бынæттæ. Ныртæккæ проект ис экспертизæйы. Йæ иумæйаг аргъ у 120 милуан сомы.

Кусæг балцы кæронбæттæны Дзанайты Барис районы разамындимæ æрдзырдта социалон-экономикон райрæзтыл. Фæнысан кодтой райхалинаг фарстатæ. Фыццаджыдæр, цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад. Хызæгты 80% заууат уавæрмæ æрцыдысты. Хицауады сæрдар бабар кодта цыбыр рæстæгмæ проектон-хыгъдон гæххæттытыл бакусын. Уымæй уæлдай, хъæугæ социалон объекттæ саразыны тыххæй фæндонтæ рахæссын.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Сергей Томаев I Дело мастера
27.05.2026
Доброе утро, Осетия I 27.05.2026
27.05.2026
Хъуырман, скъолайы рауагъдонтæ æмæ бурхил адæмы бон | Йæ рæстæгыл
26.05.2026
Нузал I Вокзал для двоих
26.05.2026
Марина Айлярова I Профессиональный путь
26.05.2026
Ипотека, кредитные карты, рассрочки I Разбор полетов
26.05.2026
26.05.2026 | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
26.05.2026
Фæрдгуытæ
25.05.2026
25.05.2026 I Самое время
25.05.2026
Доброе утро, Осетия! I 25.05.2026
25.05.2026
В итоге: 24.05.2026
24.05.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 24.05.2026
24.05.2026
Чеджемты Æхсар I Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин
23.05.2026
Сæрмæтаг археологийы тыххæй, фестиваль «Бонвæрнон» æмæ проект «Фыдæлты Хæдзар» I Йæ рæстæгыл
22.05.2026
Хæдзарадон I 22.05.2026
22.05.2026
Все рекомендуемое