Елхотты кадджын уавæры байгом сывæллæттæн хъазæн фæз. Сарæзтой йæ сæрмагонд сертификаты фæрæзтæй. Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æй Елхотты цæрджытæн балæвар кодта хъæуы 180-азы юбилеймæ.
Фæз дзуапп дæтты æдасдзинады домæнтæн. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддагмæ тынг бæллыдысты. Уымæн æмæ сывæллæттæ сæхи кæм ирхæфсой, ахæм бынат дзы нæ уыд.
Фидæны ма фæнд кæнынц йæ фарсмæ спортивон фæз дæр саразын æмæ йæ æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй сифтонг кæнын.
















