Мадæлты æппæтдунеон боны фæдыл бирæсывæллонджын сылгоймæгтæн арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
4 ныййарæджы схорзæхджын кодта “Мать Героиня”-йы кадджын номæй. Се `хсæн Абайты Татьянæ, Агънаты Светланæ, Ахъиты Фатимæ æмæ Туаты Екатеринæ. Мадæлтæ сты цардæттæг æмæ сын ацы бон хъæуы уæлдай бузныг зæгъын, фæнысан кодта Битарты Вячеслав. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæм бирæсывæллонджын мадæлтæн баххуыс кæнынæн республикæйы æххæстгонд цæуыц социалон программæтæ.
Демографион уавæр фæхуыздæр кæнынæн мадзæлттæ арæзт цæудзысты фидæны аз дæр.
















