Сывæллоны райгуырды тыххæй иухаттон фиддонтæ 2022-æм азæй нысан кæндзысты курдиат æнæ бадæтгæйæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц Уæрæсейы фæллойы министрады пресс-службæйы.
Уымæй уæлдай ма фидæны азæй æнцондæр уыдзæн рынчыны тыхххæй сыф райсын дæр. Ног домæнтæм гæсгæ кусæджы нал хъæудзæн фиддонтæ снысан кæнынæн уæлдай гæххæттытæ дæттын. Фиддонтæ нысан кæндзӕн социалон фæдзæхстады фонд.
















