Цæгат Ирыстоны 30 нæлгоймаджы афæдз æмæ æрдæгмæ райстой сывæллоны райгуырды фæдыл отпуск. Ивгъуыд аз ацы гæнæнæй спайда кодтой 25 адæймаджы, ацы аз нырма сты 5. Цалынмæ фыд отпусчы ис, уæдмæ йæ куысты бынаты фидаргонд у, декреты рæстæг та йын баххæсдзысты йæ фæллойадон стажмæ.
Ахæм отпуск райсæн ис æххæст æмгъуыдмæ, кæнæ дихгондæй. Кæй куыд бафæнда, афтæ. Уыимæ ма фыдæн фиддонтæ исыны бар дæр ис, фæлæ хъуамæ æххæст бон ма куса. Сывæллонмæ кæсыны фæдыл бафысты бæрц у дыууæ куыстадон афæдзмæ рæстæмбис мызды 40%. Уыимæ фиддон хъуамæ федералон закъоны цы бæрц нысангонд ис, уымæй къаддæр ма уа. Цæгат Ирыстоны у 9 мин сомæй гыццыл фылдæр.















