Цæгат Ирыстоны æхсæнадон организациты минæвæрттæ фæсидтысты республикæйы цæрджытæм, цæмæй конфесситы æмæ нациты ’хсæн хæлардзинад бахъахъхъæной.
Нагорный Карабахы уавæр адæмты ’хсæн хæлар ахастдзинад хъуамæ ма фехала. Уый нæ, фæлæ кæрæдзийы фарсмæ хъæуы æнгомдæр æрбалæууын.
Сомих æмæ Азербайджаны ’хсæн фæстаг цаутæм гæсгæ, нæ бирæнацион республикæйы тауын хъæуы сабырдзинад æмæ кæрæдзимæ кæсын хæларзæрдæйæ.
















