Сæйраг хæслæвæрд у, æвзæрстыты сыгъдæгдзинадмæ фау æрхæссæн цæмæй ма уа. Уыцы хæсыл дзуапдæттæг кусджытæ бакуыстой бæстонæй. Ахæм аргъ абон скодтой æвзæрстытæм цæстдарды регионалон штабы æмбырды.
Æхсæнадон палатæйы бындурыл арæзт æхсæнадон штаб февралы бадзырдтæ бафыста 28 хæдбар организациимæ. 17-æй 19 –æм сентябрмæ куыстой куыд хицæн хайæдты, афтæ Æхсæнадон Цæстдарæн Центры дæр. Ам видеокъулыл фенæн уыд 335 æвзарæн хайады куыст.
Мин цæстдарæгæй фылдæры бацæттæ кодтой иумæйаг федералон ахуырадон программæмæ гæсгæ. Æмбырды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй уæрæсейы æвзарæн системæ дзуапп дæтты æппæты бæрзонддæр домæнтæм.
















