Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы ахуырдзаутæ сæ урокты фæстæ фæтагъд кæнынц репетицитæм. Ам архайынц театралон къорды. Уырысаг æмæ дунеон классикты уацмыстæм гæсгæ дæсны педагогты разамындæй архайынц спектальтæ сæвæрыныл. Уæвгæ, театралон къордтæ скъолаты саразыны хъуыды разынд бæстæйы президент Владимир Путинмæ.
«Маленькие трагедии», «Мастер æмæ Маргаритæ», «Ромео æмæ Джульеттæ». Уырыссаг æмæ дунеон классикæйы уацмыстæ иу сценæйы. Æрыгон курдиатджын артисттæ дæргъвæтин репетицитæй нæ тыхсынц. Уæвгæ, сæм цымыдисаг кæсы ацы архайд. Алыхуызон æнкъарæнты уацары бахауынц сæхæдæг, стæй сæм чи фæкæсы, уыдон дæр. Сæ педагогтæ та сæм гуырын кæнынц стыр ныфс. Ацы куыст сæ пæедагогтæ у зонгæ æмæ уарзон. Уымæн æй уарзын кæнынц скъоладзаутæн дæр.
Театралон къорды архайгæйæ сабитæ æмхиц кæнынц культурон æмæ аивадон хæзнатæм, хъæздыг кæны сæ миддуне, зæгъынц педагогтæ. Ахуыргæнджытæ сæхæдæг дæр не вгъау кæнынц сæ хъару æмæ фæлтæрддзинад. Сæ уæлæдарæсыл дæр бакусынц скъоладзаутæ сæхæдæг. Уæдæ саразынц декорацитæ дæр. Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы театралон къорды руаджы сывæллæттæ арæз равзарынц фидæны театралон дæсныйад. бирæтæ сæ ахуыр кæнынмæ бацæуынц аивæдты факультетмæ æмæ сбæттынц сæ цард сценæимæ. Хи сценæйы бафæлварын – уый иу хъуыддаг. Иннæ та ма – уарзон æмæ зындгонд актертимæ фембæлдтытæ. Скъолаты театртæ саразыны хъуыды райрæзт бæстæйы президент Владимир Путины хъуыдымæ гæсгæ. 2024-æм азмæ ахæм театралон къордтæ хъуамæ фæзына республикæйы æгас скъолаты дæр.
Ныртæккæ скъолаты театрты сæрмагонд реесрты ис 136 скъолайы. Уæлдай æргом здæхт цæуы хъæуты скъолатæм, уымæн æмæ уым къаддæр гæнæнтæ вæййы сывæллæттæн уæлæмхасæн ахуырад райсынæн.
















