Дзæуджыхъæуы æхсæнадон транспорты уавæр æмæ райрæзты фарстатыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды. Бацархайдтой дзы Транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитет, Дзæуджыхъæуы æхсæнадон совет, транспорт æмæ фæндаггон арæзтады горæтаг управлени, стæй куыстуат «Владтрамвай»-ы минæвæрттæ. Уымæй уæлдай, æхсæнадон организацитæ æмæ профцæдисты уæнгтæ.
Ныхас цыд горæты электротранспорты райрæзтыл. Бæлвырддæр та, трамвайы ног вагонтæ нырыккон инфраструктурæйы куыд кусдзысты, ууыл. Æрдзырдтой ма, «Владтрамвай» муниципалон куыстуатæй паддзахадонмæ кæй раивтой, уый тыххæй. Дзæуджыхъæуы нæ фаг кæны автобустæн магистралон маршруттæ. Ныхас цыд тарифтæ нысан кæныны фæтк æмæ æхсæнадон траспорты æрлæууæнты уавæрыл дæр. Горæты ис 45 маршруты æмæ бæлццæттæ ласæг 16 компанийы. Æдæппæтæй бонмæ Дзæуджыхъæуы фæндæгтæм рахизы 800 автобусы.
















