Хуыбиаты Альберт ерысты архайы дыккаг аз. Йæ командæимæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонæй. Нæлгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, мадзалмæ сæхи бæстонæй цæттæ кодтой. Æхсызгон сын у ацы бæрæгбоны архайын.
Национ спорты хуызтæй мыггæгты ‘хсæн ерыстæ “Иудзинады Зилахар” ацы аз æрбамбырд кодтой 8 командæйы. Мадзалы хæслæвæрдтæ уыдысты дыууæ хайæ арæзт. Культуроны — архайджытæ радзырдтой сæ мыггагты равзæрды тыххæй – аргъ сын кодтой жюрийы уæнгтæ. Спортивон хайы мадзалы архайджытæ сæ арæхстдзинад равдыстой дур æмæ фат æхсынæй, чъоппæй, ивазæнтæй.
Фæсивæд иууылдæр равдыстой хорз цæттæдзинад.
Кæронбæттæны архайджытæ иумæ æрымбырд сты Симды фæзы. Уæлахиздзауты схорзæх кодтой кубоктæй, Кады гæххæттытæй æмæ зынаргъ лæвæрттæй. Ацы аз фыццаг бынат бацахстой Дзæгъойты мыггаджы минæвæрттæ. Архайджыты ныхасмæ гæсгæ ахæм мадзæлттæ стыр ахъаз сты Ирыстоны адæмы ‘хсæн иудзинад фидар кæнынæн. Фæсивæд кæрæдзи хуыздæр базонынц.
“Иудзинады Зилахар” ацыд ныр æртыккаг хатт. Мадзаларазджытæ – æхсæнадон змæлд “Иудзинад”, “Ирон Федераци” æмæ спорты министрад. Сæ сæйраг нысан у мыггæгтæ кæрæдзиуыл бæттын, æнгом кæнын.
















