Лæгдзинады тыххæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Челæхсаты Василийы схорзæхджын кодтой “Ирыстоны намысы” майданæй. Паддзахадон хæрзиуæг ын радта Сергей Меняйло. Челæхсаты Василий сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй хъахъхъæны бæстæйы интерестæ. Хæстон ма архайдта Сирийы æмæ Ливийы æфсæддон цауты. “Ирыстоны намысы” майдан та ма иу хатт дæнцæг у йæхи ныфсхаст, арæхстджын æмæ хъæбатырæй кæй æвдисы, уымæн, – фæнысан кодта регионы разамонæг.
















