Полиомиелит у тæссаг вирус. Синты магъз бахъыгдары æмæ адæймаджы паралич ныццæвы. Уæлдай тынгдæр низæй хъахъхъæнын хъæуы, 5 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæтты. Хæцгæ рыны ныхмæ Цæгат Ирыстоны прививкæтæ кæнынц æппынæдзух.
Полиомиелитæн схос кæнын æнцон нæу. Бæрзонд температурæ, къæхты паралич. Æмæ дохтыртæн дæр фидарæй сæ бон зæгъын нæ вæййы, сывæллон ма æххæстæй адзæбæх уыдзæн æви нæ, уый. Низы тæссаг миниуджыты тыххæй Тугъанты Еленæйæн дзурын нæ хъæуы. Вакцинæ скæнын куыд ахсджиаг у, уый кæддæриддæр зыдта. Йæх бинонты вакцинаци алчидæр ацыд, хистæрæй-кæстæрæй.
Полиомиелиты ныхмæ прививкæйы пайдадзинадæн æвдисæн у уый, æмæ нæ республикæйы, куыд æнæнхъæн бæстæйы дæр, рынчынты нымæц бирæ нæу. Уый хыгъд ахæм къæйных ныййарджытæ дæр разыны, æмæ дохтырты амынддзинæдтæ ницæмæ дарынц. Карз ныллæууынц цыфæнды вакцинæйы ныхмæ. Медикты куыст, кæй зæгъын æй хъæуы, уый къуылымпы кæны. Уæвгæ, мадæлтæн сæ фылдæр разы сты сæ цотæн прививкæ скæнынимæ.
Ацы нызы ныхмæ авкцинæ куы нæма æрхъуыды кодтой, уæд рынчынты нымæц уыд бирæ фылдæр. Ныр прививкæ скæнын сси æнæмæнг хъуыддаг. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, хъæуы бахардз кæнын æрмæст 10 минуты. Иммунитет та йæ куыст кæндзæн царды дæргъы. Сабиты æнæниздзинад у сæйрагдæр. Прививкæ та сывæллоны фидар æнæниздзинадæн у стыр хъомыс. Уæвгæ прививкæтæй уæлдай, специалисттæ зæрдыл лæууын кæнынц, къухтæ арæх æхсын кæй хъæуы æмæ уавæрмæ куыд фæндыйы цæстæй кæсæн кæй нæй, уый.
















