Цæгат Ирыстоны фæасламдæр газæй артаджы аргъ. 20-æй 50 капеччы онг 1 литрæн æмæ ныр фæхæстæгдæр ис Цæгат Кавказы федералон зылды æргъты рæстæмбис нымадмæ гæсгæ. Артаджы станцæты хицæуттӕн сӕ аргъты рохтыл æрхæцыдысты, экономикон райрæзты министр Кучиты Зауримæ фæмбæлды фæстæ. Уæд æмбырды архайджытæ æрдзырдтой донгонд углеводородон газы æргътыл. Министры ныхӕстæм гæсгæ газы артаджы æргъты уавæр зæрдæхсаинаг нал у, амалхъом адæм уавæр бамбæрстой.
Уымæй уæлдай ма æмбарын хъæуы уый дæр, æмæ Цæгат Кавказы æппæт субъектты артаджы аргъ иухуызон нæ уыдзæн. Ахадынц ыл транспортон-логистикон хæрдзтæ, йæ хæрзхъæддзинад, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, фæссаууоны секторы ахадындзинад. Фарстамæ дарддæр дæр йæ цæст дардзæн республикæйы хицауад.
















