Цæгат Ирыстоны фæкъаддæр ис æрдæгарæзт хæдзæртты бæрц. Ивгъуыд аз хыгъдæй айстой 203 объекты. Уый тыххæй куысты фæдыл фембæлды фæлгæты Бокоты Эльбрусæн фехъусын кодта арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Моргуаты Константин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы ма баззад, сæ арæзтад кæронмæ кæмæн нæ ахæццæ кодтой, ахæм 435 объекты. Бокоты Эльбрус бахæс кодта ацы къабазы бæстондæрæй бакусын.
Фæнысан ма кодта, кæцыдæр объекттæ кæй хъæуы рацаразын æнцонвадат хæдзæртты уагыл, кæнæ та сæ спайда кæнын нæ республикæйы культурон æмæ экономикон царды рæзтыл бакусыны фæзты хуызы. Æххæстгæнæн æмæ муниципалон хицауадтæн бахæс кодта бакусын ахæм объектты бæрц фæкъаддæр кæныны сæрмагонд пъланыл. Уымæй уæлдай-ма бахæс кодта, паддзахадон исбонадæн дзуапп чи дæтты, уыдонæн къамисы иннæ фембæлдмæ бацæттæ кæнын гæххæттытæ, кæцытæм гæсгæ ис ацы хæрдзтæ аппарын.
















