preloader
сейчас в эфире
06:59
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
07:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Цæгат Ирыстоны ис 686 объекты культурон нысаниуæгимæ.

25.12.2023 13:45

11 дзы – федералон, 275 – регионалон.

Хæдхуыз архитектурæ, цымыдисаг нывæфтыдтæ æмæ алы дугты арæзт алыхуызон бæстыхæйттæ. Дзæуджыхъæуы, ивгъуыды уддзæф кæм ис, ахæм уынгтæ гыццыл нæй. Æмæ ивгъуыды уддзæф банкъарынмæ ардæм æрвылаз æрбацæуынц мингай туристтæ. Культурон нысаниуæгимæ объекттæй нæ горæт хъæздыг у. Фæлæ сын сæ истори бирæтæ нæ зонынц. Зæгъæм, æртыккæгæм скъола раздæр ахуырадон уагдон нæ уыд.

1884 азы бæстыхай балхæдта сæудæджер Дмитрий Падагов. Дыккаг уæладзыджы цардысты йæ фырттæ. Фыццаг та лæвæрдта хаццоны уырыссаг æмæ къахетаг сæндуцджытæн. Ам ма уыд хæдзары дзауматы дукани, уæй дзы кодтой велосипедтæ æмæ мотоциклтæ дæр. Уый тыххæй 1930 азы онг бæстыхаймæ уыд аст бахизæны.

Скъолайыл ацы аз сæххæст 106 азы. Ныртæккæ у цалцæггæнинаг. Фæстаг хатт æм базылдысты 20 азы размæ. Æрæджы сси регионалон ахадындзинадимæ культурон объект. Ныр скъолайы æддаг бакастмæ уæлдай æргом здахынц. Хъуамæ йæ фыццагон хуыз хъахъхъæд æрцæуа.

Ног статус радтой Миллеры уынджы 1-æм хӕдзарӕн дæр. Сарæзтой йæ 1910 азы. Фыццаг уыд титулярон уынаффæгæнæджы ус Елена Соколовскаяйы иууæладзыгон хæдзар. Цалдæр азы фæстæ, уырыссаг-азиаг банчы курдиатмæ гæсгæ, ноггонд æрцыд. Самадтой йыл дыккаг уæладзыг æмæ дзы сæхицæн хайад байгом кодтой. Банкмӕ, уæды рæстæгмæ гæсгæ, уыд стыр капитал – 50 милуан сомы. Кредиттæ дзы лæвæрдтой базарадон куыстуæттæн, архайдтой дзул æмæ бæмбæг уæй кæныны операциты.

Церетелийы уынджы та ис 3 культурон объекты. Ацы аз ног статус радтой раздæры гуырдзиаг скъолайы бæстыхайæн. Бындур ын сæвæрдтой 1888 азы. Ам лæппуты ахуыр кодтой кæсын æмæ фыссыныл, дзырдтой сын чырыстон дины тыххæй. Ацы ран-иу алы адæмыхæттыты æхсæнæдтæ сарæзтой æмбырдтæ.

Цæгат Ирыстоны ис 686 объекты культурон нысаниуæгимæ. 411 дзы – федералон, 275 – регионалон. Ноджыдæр ма кæй рабæрæг кодтой, уыдон сты 1277, ӕмӕ ног статус нæма райстой. Хъуамæ ацæуой историон-культурон экспертизæ.

Ацы аз историон-культурон экспертизæ ацыдысты æмæ ног статус райстой 27 объекты, фарон – 24. Специалистты ныхасмæ гæсгæ, ахæм бæстыхæйтты æддаг бакаст хъуамæ ивд ма цæуа. Иууыллдæр сæ профилон комитет хъахъхъæны.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Георгий Гогичаев I Истории из жизни
19.08.2026
19.08.2026 I Дело мастера
19.08.2026
Среда влияния I 19.08.2026
19.08.2026
Юрий Качмазов I Защитники
19.08.2026
Доброе утро, Осетия! I День фотографии
19.08.2026
Что изменится в школах в новом учебном году? | Разбор полетов
18.08.2026
Æвзæрстытæм цæттæдзинад æмæ хойраджы равдыст I Йæ рæстагыл
18.08.2026
Фӕрдгуытӕ I 17.08.2026
17.08.2026
17.08.2026 | Самое время
17.08.2026
Сокровища Кавказа/ лекция 11: Родовая семейная эмблема/ «Ossetica»
17.08.2026
Сауы дзуар I Кувæг Ир
17.08.2026
Марат Альборов и Альберт Назранов I Доброе утро, Осетия!
17.08.2026
Песни под звездами I Алибек Едзиев и Мурад Исматуллаев
16.08.2026
Куыд зӕгъай, афтӕ! I Цӕриаты Валерий ӕмӕ Секъинаты Альбинӕ
16.08.2026
В итоге: 16.08.2026
16.08.2026
Все рекомендуемое