Цæгат Ирыстоны нывгæнджыты куыстытæ балæвар кодтой Волгоградæн. Кадджын мадзал ацыд «Сталинграды тох»-ы музейы. Архайдтой дзы Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветернтæ. Куыстытыхсæн Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Евгений Шугаевы ныв «Услышь, о Господи!», зæгъгæ, æмæ Хæсты медицинон кусджыты хъæбатырдзинады тыххæй скульптурæ, йескæнæг Дзбойты Михаил. Лæвар раттыны кадджын мадзалы уыдысты æфсæддон ветерантæ æмæ æрыгон армионтæ дæр, стæй Волгограды облæсты хицауады уæнгтæ. Мадзал ацыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы федералон проекты фæлгæты. Æххæст æй кæнын райдыдтой 2015 азы. Уæдæй нырмæ Сталинграды тохы номыл музейæн балæвар кодтой нывгæнджыты 130 куысты. Æрæмбырд сæ кодтой Уæрæсейы 29 регионæй, уыимæ ма Китай, Азербайджан æмæ Молдавийæ. Волгограды администрацийы культурæйы комитеты сæрдар Дмитрий Полянины ныхæстæм гæсгæ, иууылдæр сæ равæрдзысты майы 2020-æм азы цы сæрмагонд равдыст сараздзысты, уым. Снысан æй кæндзысты Уæлахизы 75 азы кадæн.
Аркадий Кумаритов, РЦИ-Аланийы Нывгæнджыты цæдисы уæнг: «Цæгат Ирыстоны нывгæнджыты куыстытæ равзæрста сæрмагонд къамис. Волгограды музейы сæ кæй равæрдзысты, уый уæлдай кадджын у. Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы мадзал снысан кодтам Волгограды облæсты ирон диаспорайы равзæрдыл 15 азы кæй æххæст кæны, уыимæ. Æнæмæнг, Ирыстоны дæсныты куыстытæ æмбæлгæ бынат бацахсдзысты равдысты æмæ сын адм аккаг аргъ скæндзысты».
















