Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло Донбассы сæрмагонд операцийы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта. Регионы разамонæг социалон хызæгты йæ сæрмагонд сыфы куыд фæнысан кодта, афтæмæй нæ бæстæйы президент æфсæддон операци райдыдта хуымæтæг цæрджыты æмæ уæрæсейæгты бахъахъхъæнынæн. Сæрмагондæй Уæрæсейы æмæ Хъырымы фыдбылыз ма `руадзынæн.
«Æндæр бæстæтимæ бадзырдтæ æххæст кæнын дипломатон хуызы куы нæ уайа, уыимæ ма Уæрæсейы æдасдзинадæн тас куы уа, уæд æндæр гæнæн нæй, бæстæ бахъахъхъæнын хъæуы хæцæнгарзимæ. Зæрдæхсайгæйæ, фæлæ сæрыстырæй кæсын ныртæккæ Донбассы æмæ Луганскы адæмон, хæдбар республикæты уавæрмæ. Бирæ азты Украинæйы националисттæ архайынц æфсымæрон ахастдзинæдтæ фехалын. Ныфс мæ ис, тагъд уавæр хуыздæры ‘рдæм кæй фæивдзæн» —, загъта Сергей Меняйло.
Цæгат Ирыстон цæттæ у не ‘мзæххонтæй æнæбары сæ цæрæнбынæттæ чи ныууагъта, уыдонæн æмбæлгæ æххуыс бакæнынмæ.
















