Республикæйы нысангонд социалон-экономикон райрæзты стратегийыл республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æрныхас кодта Мæскуыйы паддзахадон университеты математикæйы зын системæтæ иртасыны институты стратегион центры минæвæрттимæ. Центры разамонæг Владимир Квинт. Кусæг фембæлды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй нысангонд мадзæлтты хатдзæг хъуамæ уа адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын.
Æмбырды ма архайдтой республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис, экономикон райрæзты министр Кучиты Зауыр, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, уыимæ ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны 2030-æм азмæ социалон-экономикон райрæзты стратеги нысангонд кæй æрцыд 2019-æм азы. Аххæсдзæн 2030-æм азмæ.















