Уый руаджы сбæрæг кодтой æрдзон газæй æнæ закъонæй кæй пайда кæнынц, уый дæр. Арæхдæр газ давгæйæ спайда кæнынц сæрмагонд нымайæн гæрзтæй. Фылдæр барадхæлдтытæ рабæрæг кодтой Мæхъæл, Дагестан, Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты. Газы службæйы кусджытæ уæлдай æргом здахынц æппæты фылдæр закъонхæлдыдтæ цы районты æмæ хъæуты рабæрæг кодтой, уыдонмæ. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ пайдагæнджытæй барвæндонæй газы хæтæлтæй чи спайда кæны, уыдоны административон æгъдауæй кæй æфхæрынц.
Уымæй уæлдай ма сæм æвзиды уголовон хъуыддæгтæ дæр. Профилон къабазы кусджытæ цæрджытæм сидынц цæмæй барвæндонæй гадзы гæрзтæй ма пайда кæной. Уымæн æмæ арæх ахæм хъуыддæгтæ расайынц фыдбылызтæм.
















