Хæххон хъæутæм газ бауадзын æмæ районты æхсæнадон бынæттæ саив кæнын. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыд республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæнимӕ пресс-конференцийы. 2024-æм азы базилдзысты 39 улæфæн бынатмӕ. Се ‘хсæн — парктæ æмæ сквертæ Æрыдон æмæ Дигорайы. Алагиры районы хъæуты цæрджытæм та цавæр ногдзинæдтæ æнхъæлмæ кæсынц?
Уыдонæй 209,5 млрд сомы — æхсæнадон бынæттæ æмæ кæртытæн, 200-мæ ‘ввахс та чысыл горæттæн. Программæйы руаджы банывыл кодтой 43 æхсæнадон бынаты. Уый бæрц куыст снысан кодтой ног, 2024-æм азмæ дæр. Традицимæ гæсгæ, кæцы объекттæ æрцæудзысты цалцæггонд, уый æвзардзысты цæрджытæ.
Газæй кæронмæ сифтонг кæныны хъуыддагмæ федералон центр здахы уæлдай æргом. Сæйраг хæс — дæрддзæф хæххон хъæутæ газæй сæххæст кæнын. Ахсджиаг у канд инженерон хæтæлтæ бауадзын нæ. Афтæ-иу, бæрнондзинад чи хæссы, ахæм куыстуæттæ афæдзгæйттæ баззадысты æнæ хицауæй.
Бакуыстой ма дондзæуæн хæтæлты системæтæ сног кæныны къабазы дæр. 195 км ныридæгæн ивд æрцыдысты. 579 ивынц. Алагиры районы æппæт структурæйы рацарæзт ис фыццаг бынаты. Нуазыны донимæ уавæр ам кæддæриддæр уыд зæрдæхсаинаг. Араздзысты канд хæтæлтæ нæ, куыстытæм хауынц сыгъдæггæнæн мадзæлттæ дæр.
Артаджы æргътæ æвзæрырдæм сахадыдтой зæхкусджытыл. Тыллæг æфснайын бахъæуы суткæгай. Паддзахад
уæлдай цæстардмæ райста артаджы аргъ. Фæлæ фермертимæ уавæр нырма у уæззау.
Цæрджыты аварион хæдзæрттæй раивыны программæ нæ регион æххæст кæны рагагъоммæ. Уый та у ууыл дзурæг, æмæ рахиздзысты ног æмвæзадмæ. Раивдзысты, 2017-æм азæй 2022-æм азы онг программæмæ хаст чи æрцыд, уыцы цæрджыты.
















