Уæрæсейы экономикон райрæзты министры хæдивæг Сергей Назаров æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег æрдзырдтой Хъармæй ифтонггæнæг иунæг операторы сарæзтыл.
Æмбырд ацыд видеобастдзинады руаджы. Архайдтой ма дзы республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн æмæ “Газпром”-ы минæвæрттæ. Хъармæй ифтонггæнæг иунæг оператор саразгæйæ, баиу кæндзысты Дзæуджыхъæу, Рахизфарсы, Дыгуры, Алагиры, Мæздæджы районты хъармгæнæн хызæгтæ, “Æрæфы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад” æмæ “Коммунресурсы”. Хæстæгдæр рæстæг Цæгат Ирыстоны хицауады хъæуы регионы хъармæй ифтонггæнæг куыстуæтты æмгъуыдæйхызт хæс бафидыны график сфидар кæнын.
















