Зындгонд филолог æмæ ахуыргонд, профессор, Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны наукæты сгуыхт архайæг. Салæгаты Зойæйы мысæн изæр ацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты. Мадзалы архайдтой йæ хæстæджытæ, хæлæрттæ, æмкусджытæ, йæ ахуырдзаутæ.
Ныхасы архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Салæгаты Зойæ стыр æвæрæн бахаста ахуырады къабазмæ. Ис ын сæдæ бындурон наукон куыстæй фылдæр. Уыцы æрмæджытыл ныридæгæн литературæиртасджытæ æмæ фольклористтæ æнцайынц сæ куысты.
60 азы Салæгаты Зойæ балæвар кодта йæ уарзон факультетæн. 10 азы уыд уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйы кафедрæйы разамонæг. Йæ ном цæрдзæн æнустæм йæ куыстыты, йæ университеты, стæй йæ студентты зæрдæты.
















