Уæрæсейы Федерацийы æхсæнадон палатæйы минæвæрттæ фембæлдысты сæ Цæгат Ирыстойнаг æмкусджытимæ. Æмбырдмæ æрбахуыдтой æхсæнадон архайджыты дæр. Ныхас кодтой æмгуыстады фарстатыл. 17-æм майы Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт сараздзысты форум «Сообщество», зæгъгæ. Йæ сæйраг нысан у Цæгат Кавказы туризмы райрæзтыл бакусын. Йæ архайджыты нымæц схæццæ уыдзæн 500 адæймагæй фылдæрмæ.
Равдисдзысты дзы алыхуызон проекттæ. Форумы бæстонæй æркæсдзысты, туризмы рæзтыл хуыздæр цы программæтæ фæзындзысты, уыдонмæ. Снысан сæ кæндзысты æмæ сæ царды уадзын райдайдзысты.















