Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз дарддæр бæрæг кæны, социалон нысаниуæг кæмæн ис уыцы объектты арæзтад. Абон уæлдай æргом аздæхта Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты ахуыргæнæндæттæм. Дзæуджыхъæуы бабæрæг кодта 4 объектты. Фыццаджыдæр 65-æм сывæллæтты рæвдауæндоны цы уæлæмхасæн бæстыхай аразынц, уый. Йæ фæзуат у 640 кватратон метры. Базилдзысты ма рæвдауæндоны кæртмæ дæр. Ам арæзтадон куыстытæ райдыдтой 1-æм июлы. Пъланмæ гæсгæ сæ фæуыдзысты 1-æм ноябрьмæ. Иу уæлæмхасæн бæстыхай ма аразынц 107 сывæллæтты рæвдауæндоны дæр. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæйы ныхæстæм гæсгæ бæстыхай аразынц «Демография», зæгъгæ, национ проекты фæлгæты. Фидæны дзы 3 азы онг кæуыл цæуы ахæм сабитæн байгом кæндзысты къордтæ.
Пъланмæ гæсгæ дарддæр бабæрæг кодта скъолатæ. Уыцы иу рæстæг аразынц дыууæ ног объектты. Афтæ 18 микрорайоны афæдзы кæронмæ фæзындзæн ног скъола. Бынат дзы уыдзæн 500 сывæллонæн. Куыстытæ дзы сæ тæмæны бацыдысты. Афтæ 19 микрорайоны дæр. Уым та аразынц 1100 бынаты кæм уыдзæн, ахæм скъола. Ног азы ардæм рахондзысты 46-æм скъолайы ахуырдзауты иу хай. Уыимæ ма «Диалог»-ы ахуыргæнинæгты дæр. Объект дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Тускъаты Таймураз ныртæккæ бæрæг кæны районты социалон объекттæ. Федта Беслæны сывæллæтты рæвдауæндоны цы уæлæмхасæн бæстыхай аразынц, уый. Уым ма фæзындзæн физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс. Хицауады уæнгтæ ма бабæрæг кæндзысты Кировы æмæ Æрæфы районтæ. Хицауады сæрдары кусæг балцы тыххæй уын бæлвырддр радзурдзыстæм нæ дарддæры равдыстыты.
















