Уæлахизы боны бæрæгбоны агъоммæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн Дзæуджыхъæуы сарæзтой фембæлд. Мадзал арæзт æрцыд политикон парти “Иугонд Уæрæсе”-йы æмæ социалон рæзты центры хъæппæрисæй.
Мадзалмæ æрбахуыдтой хæсты сывæллæтты дæр. Ацы бæрæгбонимæ цы æгъдау ныффидар, уымæ гæсгæ фыццаджыдæр уыцы тугкалæн хæсты чидæриддæр хъæбатырæй хæцыд, фæлæ йæ фыды уæзæгмæ сыздæхын йæ къухы кæмæн нæ бафтыд, уыдоны рухс нæмттæ ссардтой иу минут æдзынæг алæугæйæ. Архайджытæн бацæттæ кодтой презентаци, равдыстой дзы хæстон къамтæ.
Ацы мадзал, кæй æрбамбырд кодта, уыдонæн сæ бæрæгбон барæсугъд кодтой ирон эстрадæйы минæвæрттæ. Азарыдысты хæстон зарджытæ. Ветерантæн балæвар кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
















